Тбилисы арæзтадон объекттæй иуы аварийы фæстиуæгæн фæмард иу адæймаг
Уæвæг информацимæ гæсгæ, арæзтадон объекты фæндагæй ахауд уæзласæн машинæ, цæй фæстиуæгæн фæмард иу адæймаг.
Мидхъуыдтæгты министрады 1-аг къаналæн куыд фехъусын кодтой афтæмæй, инциденты фæдыл фæдæвзарæн райдыдта 276-æм статьямæ гæсгæ, кæцы йæ зæрдыл дары фæндаггон змæлды æдасдзинады кæнæ эксплуатацийы уагæвæрды хæлд.