Тбилисы æртæ китайаг æмбæстаджы æрцахста, дыууæ килограмм ядерон æрмæг, уран æнæзакононæй балхæнын куы хъавыдысты, уæд
Тбилисы æртæ китайаг æмбæстаджы æрцахста, дыууæ килограмм ядерон æрмæг, уран æнæзакононæй балхæнын куы хъавыдысты, уæд

Тбилисы æртæ китайаг æмбæстаг æрцахстой, дыууæ килограмм ядерон æрмæг, уран æнæзакононæй балхæнынмæ хъавгæйæ – уый фæдыл брифингыл фехъусын кодта Паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæгы фыццаг хæдивæг Лаша Магърадзе.

Уагдоны куыд хъусын кæны, афтæмæй фыдгæнæг къорды уæнгтæ фæнд кодтой Уæрæсейы территорийы уылты Китаймæ æнæзакъонæй ласын радиоактивон æрмæг.

«Паддзахадон æдасдзинады куысты контрразвæдсгарæн æмæ спецоперациты департаменты кусджыты иумæйаг операцийы фæстиуæгæн, Тбилисы æртæ Китайы æмбæстаджы æрцахстой, дыууæ килограмм ядерон æрмæг, ураны æнæзакононæй балхæныны рæстæджы.

Фыдгæнæг къорды уæнгтæ Тбилисы 400 000 АИШ долларæй радиоактивон æрмæг æнæзакононæй балхæнын æмæ йæ уый фæстæ Уæрæсейы Федерацийы территорийыл Китаймæ æнæзакъонæй аласын план кодтой.

Криминалон пълан сæххæст кæнынæн Китайы æмбæстæгтæй сæ иу, кæцы Гуырдзыстоны территорийыл режимы хæлд уыд, Гуырдзыстонмæ уран балхæнынмæ цымыдисгæнæг экспертты æрбакодта æмæ активонæй райдыдта атомон æрмæг агурын æнæхъæн бæстæйы. Уæлдæр ранымад архайдтытæ Китайæ координаци кодтой фыдгæнæг къорды æндæр уæнгтæ. Æнæзаконон транзакцийы детæлттыл баныхас кæныны процессы рæстæджы, райсгæ оперативон информацийы реализацийы фæстиуæгæн, аххосджынтæ рабæрæг æмæ ахст æрцыдысты.

Уымæй уæлдай ма, фæдагуырды фæлгæтты, Тбилисы æмæ Батумы ахст адæймæгты рæстæгмæ цæрæн бынæттæ басгæрстой.

Фæдагуырд цæуы Уголовон кодексы 230-æм статьяйы 1-æм хаймæ гæсгæ, кæцы нысан кæны ахæстоны фæбадын 10 азы онг.