Тбилисы æппæтдунеон аэропорты æхсæнадон уагæвæрды карз хæлдтыты тыххæй миграцион департамент Гуырдзыстонæй немыцаг æмбæстагы бæстæйæ арвыста 
Тбилисы æппæтдунеон аэропорты æхсæнадон уагæвæрды карз хæлдтыты тыххæй миграцион департамент Гуырдзыстонæй немыцаг æмбæстагы бæстæйæ арвыста 

Мидхъуыдтæгты министрады миграцион департамент æмæ патрулон полицийы  кусджытæ,  иумæйаг операцийы фæстиуæгæн,   Германийы  æмбæстаг 1998 азы гуырд Б.М. – ы æрцахстой æмæ депортаци сыххæст  кодтой. Уый фæдыл   Мидхъуыддæгты министрад парахат кæны информаци.

Банысанкæнинаг у, цæмæй «Фæсарæйнаг  æмæ æмбæстаг æнæуæвæг адæймæгты статусы фæдыл» закъонмæ бахæсгæ ивæндзинæдтæм гæсгæ,  фæхуыздæр ис Гуырдзыстоны цæрæг,  куыд æнæзакононæй, афтæ легалонæй  фæсарæйнаг æмбæстæгты бæстæйæ æрвысты  механизмтæ, кæцытæн кæд æмæ, æмбæлон барадон бындур ис, уæд бæстæйæ æрвысты рæстадон  бындурæвæрд  сты» – ис фыст  Мидхъуыдтæгты министрады информаци.