Тбилисы æхсæнадæмон аэропорт бахауд бæлццæтты къадæмæ гæсгæ  Европæйы фондз хуыздæр аэропорты æхсæн
Тбилисы æхсæнадæмон аэропорт бахауд бæлццæтты къадæмæ гæсгæ Европæйы фондз хуыздæр аэропорты æхсæн

Routes Europe Тбилисы æхсæнадæмон аэропорт Европæйы фондз хуыздæр аэропорты æхсæн снысан кодта, кæцыйы бæлццæтты цыд фондз милуан бæлццоны онг у. Афæдзы Европæйы аэропорт 9-æм апрелы Севильяйы хорзæхты церемонийы рабæрæг уыдзæн, Routes Europe 2025 авиацион форумы фæлгæтты. Ам ма снысан уыдзæн афæдзы хуыздæр европæйаг авиакомпани æмæ туристон нысаниуæг.

Тбилисы æхсæнадæмон аэропорт 2024-æм азы бæлццæтты рекордон нымæц сфиксир кодта, ивгъуыд азимæ абаргæйæ бæлццæтты змæлд 29% фæфылдæр ис. Æнтыстджынæй ахицæнгонд бадзырдты фæстиуæгæн, мæйы кæронæй Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты сындæггай кусын райдайдзысты цыппар ног авиакомпанийы: 30-æм мартъийæ – Стыр Британийы флагман British Airways – Лондон-Тбилиси 31-æм мартъийæ – Британийы æнæаргъ easyJet æртæ здæхты: Лондон, Женевæ, Милан 12-æм апрелæй Трансвиа-Франц – Париж-Тбилис s, Lufthansa Group-ы минæвар, Цюрих-Тбилисæй Гуырдзыстоны аэропортты баиу кæныны развæлгъау прогнозмæ гæсгæ, ног авиакомпанитæ æмæ уæвæг маршруттыл арæхдзинады фæфылдæр хынцгæйæ, Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты бæлццæтты змæлд 2025-æм азы 4% фæфылдæр уыдзæн æмæ фондз милуанмæ схæццæ уыдзæн.

Тбилисы аэропортимæ иумæ, фыццаг фондз номинанты нымæцы уыдысты Ныгуылæн æмæ Скæсæн Европæйы горæтты аэропорттæ, куыд Бремен, Корфу, Лондон (Саутенды аэропорт) æмæ Вильнюс. Аргълæвæрды критеритæм гæсгæ, афæдзы хуыздæр аэропорттæ æвзарынц фылдæр хъæлæстæ кæмæн ис, ахæм авиакомпанитæ, рæзгæ бæлццæтты змæлд хынцгæйæ, афтæ дæр афæдзмæ æфтаугæ ног авиакомпаниты æмæ нысаниуæгджын бынæтты иумæйаг нымæц. Æндæр æмæ æндæр хуызы, аэропорттæ аргъ кæнынц авиакомпанитæн сæ æнтыстджын æмгуыстады фæлтæрддзинадмæ гæсгæ.

Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны аэропортты ассоциаци парахат кæны.