Тбилисы ранæуæггонд Орбелианийы фæзыл, абон быркуыыйы сæны фестиваль номхуындæй – Travel in Georgia with Wine цæуы уагъд. Фестивалы хайад исынц 50 хæдзарон ныккæнд. Фестивал уагъд цæуы лыстæг хæдзарон ныккæндты инициативæйæ æмæ Тбилисы мэрийы сæны националон агентады æмæ туризмы департаменты фарсхæцынæй.
Фестивалы срæсугъд кæндзæн гуырдзиаг адæмон зарæггæнджыты ансамбльты, фольклорон балты æмæ этно джаз-бендты сæххæст зарджытæ.
Фестивалыл уыдзæн уникалон быркуыйы сæны æнæаргъ дегустаци, афтæдæр алкæцы ныккæнд фестивалыл бавдисдзæн минимум 30 авг реализацион сæны, кæцы туризм баахъаз кæныны тыххæй ауæй уыдзæн символон аргъæй – 10 ларийæ.
Фестиваль уазджытæн кусдзæн 15:00 –æй 22:00 сахатмæ.