Тбилисы 2019-æм азы 1-æм октябрæй урс такситæ змæлдзысты
Сæйраг сахары 2019-æм азæй фыццæгæм октябрæй урс такситæ змæлдзысты. Уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Къаладзе хицауады рабадтыл расидтис.
Афтæ дæр, снысангонд периодæй, таксийы сервисы реализаци сæ бон нæ уыдзæн æртæ дуарон æмæ рахиз рулы автомобилтæ.
Каха Къаладзе рабадтыл транспортон политикайыл фæныхас кодта æмæ такситы лицензиты хъусдард сцырын кодта.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы этапыл такситы сервисы реализацийыл 6 200 йæ фылдæр барлæвæрд ис дæвæрд. Фыццæгæм октябрæй та ацы куысты æнæ лицензийæ фæивар уыдзæн 200 ларийæ.
Мэры бæлвырдмæ гæсгæ, транспортон политикайы дыгкаг этап у визуалон стандарт æмæ аскъуыддзаг ис, цæмæй алы такси фидæны урс хуыз хъуамæ уа.