Тбилисы 126 ног 12-метры дæргъæн автобустæ змæлдзæн
Уый фæдыл сæйраг сахары мэр Каха Къаладзе Тбилисы хицауады рабадтыл расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, снысангонд автобустæ Туркы сты арæзт æмæ сæ кæронмæ арæзт тагъд рæстæджы райдайдзæн.
126 автобусы балхæд Европайы реконструкцийы æмæ размæцыды банкъы къухарæзтæй сыххæст. BMC- ы маркæйы автобустæ 90 пассажирыл сты арæзт, уыдонæй 28 бадæн бынæттæй æмæ ифтонг амал арæнонгонд уæнгтæн сты монтажгонд.
Автобусты монтажгонд у информацион системæ, видеомониторингы мид æмæ æттаг системæ, USB- системæ. Бадзырдмæ гæсгæ, автобустæн хъуамæ уа 24 мæйы гаранти, кæцытæ хъуамæ кусой 12 аз æмæ 960 000 километражы цыд. Проекты аргъ у 37 885 207 евро.