«ТбилисМарафон 2024»-ы тыххæй сæйраг горæты цалдæр уынгыл змæлд арæнгонд уыдзæн
«Тбилис Марафон2024»-ы тыххæй, кæцы Фыццаг Республикæйы фæзæй райдайдзæн, сæйраг горæты бæрæг уынгтыл транспорты змæлд арæнгонд уыдзæн. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Тбилисы мэриа.
Сæйраг горæты мэриайы хъусинагæй, мадзалмæ бацæттæйы тапыл, 21 сентябры 23:45 сахатæй 22 сентябры 11:00 сахатмæ арæнгонд уыдзæн змæлд Фыццаг Республикæйы фæзы, Шота Руставелийы проспекты æмæ Фыццаг Республикæйы фæзы алвæндагæй фыццаг Республикæйы Фæзы æмæ Мераб Коставайы уынджы алвæндагы онг фæндагон фадыгыл.
Йæхæдæг мадзалы «ТбилисМарафоны» тыххæй куы зæгъæм уæд та, 22 сентябры ацæудзæн, кæцыйы тыххæй, ацы боны 06:00 сахатæй 11:00 сахатмæ транспорты змæлд фæдзæхст уыдзæн Сæрибары Фæзыл, Руставелийы проспектыл, Фыццаг Республикæйы фæзыл, Джавахишвилийы уынгыл, Галактионы хидыл, Марджанишвилийы уынгыл, Агъмашенебелийы проспектыл, Бакуйы æмæ Цъинамдзгъвришвилийы уынгтыл, Заарбрюкены фæзыл æмæ хидыл, Скудиерийы уынгыл, Къуары рахис былыл, Горгасалы уынгыл æмæ фæзыл, Метехийы хидыл æмæ Котэ Абхазы уынгыл.