Германийы Республикæмæ кусæн визитæй уæвæг Тбилисы мэр Къаха Каладзе, Мюнхены компани «Ман»-ы (MAN) равдыстыты центрмæ фæуазæг æмæ компанийы къухдариуæггæнæг уæнгтимæ фембæлд.
Тбилисы мэрийы информацийæ, фембæлдыл ныхас баххæссыдæмкуысткæнынады перспективæтæм, афтæдæр, Тбилисы цæугæ транспортон реформæмæ, кæцыйы фæлгæтты дæр плангонд у зæронд автобусты нæуджытæй раивын.
Къаха Каладзе равдыстыты центры бавдыст иуылног моделы 18 метры дæргъæн автобусыл ахаста цæст, кæцыйы æрбаласын дæр плангонд у Тбилисмæ.
Сæйраг сахары мэры æмбарынгæнæнмæ гæсгæ, цæмæй цас æмæ цы типы Автобус бахъæудзæн сахарæн, уый фæдыл иртасæны компани «Систра» уадзы. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, растдæр иртасæны фæстиуæгæн фæбæрæг уыдзæн, цæмæй хъæуы æви нæ Тбилисмæ 18 метры дæргъæн автобусты æрласын.
Тбилисы мэрий ыæлхæд 90 автобусты фыццаг партий Гуырдзыстоны ныридæгæн æрвыст у. Мэрийы хъусинагæй, сæрмагондæй Тбилисæн брендиргонд 10 метры дæргъæн автобустæ, æххæстæй адаптацигонд æмæ ифтонггонд сты, куыд хъармгæнæн æмæ кондиционертæй, афтæ æдасдзинады нырыккон системæтæй.