Тбилисмæ абон Беларусийы президент Александр Лукошенко æрцæудзæн
Тбилисмæ абон Беларусийы президент Александр Лукошенко æрцæудзæн

Тбилисмæ абон Беларусийы президент Александр Лукошенко æрцæудзæн

Гуырдзыстоны президенты администрацийы информацийæ, Александр Лукошенко æмæ Гиоргий Маргвелашвили бакæсдзысты дыууæ бæстæйы æхсæн политикон æмкуыстдзинады фарстатæ, æппæтдунеон организациты бирæфарсон æммахастыты размæцыды къуымæй, дуне æмæ регионы уæвæг ситуаци.

Президенттæ афтæ дæр фæуынаффæ кæндзысты, базарадон æмæ экономикон æмкуыстдзинады размæцыды перспективатыл, иумæйаг амалиуджыты баконд, рухсад, ахуырад æмæ медицинайы, транспорт, логистикон æмæ инфраструкутрон проектты реализацийы къуымæй æмкуыстдзинады фарстатыл.

Гуырдызстоны президенты галуаны Александр Лукошенко æмæ Беларусийы делегацийы официалон ценремони сырæздзæн, цæй фæстæ дæр президенттæ комкоммæ æмæ ауæрæхгонд форматты фембæлдзысты бадзырдты фæдыл информаци та медийæн расидæнты хуызæй бавдисдзысты.

Визиты фæлгæтты сырæздзæн иуæмайг документтыл къухфысты церемони, кæцы Гуырдзыстон æмæ Беларусийы цалдæр уагдоны æхсæн сырæздзæн, се æхсæн къухфыст æрцæудзæн æмкуыстдзинады фæдыл меморандумыл – Гуырдзыстоны националон библиотекæ æмæ Беларусийы националон библиотекаты æхсæн, горæт Рустав æмæ горæт Жодинойы æхсæн, регионтыæхсæн æмкуыстдзинады фæдыл бадзырды – Имерет æмæ Гомелы округы æхсæн.