«Тбилиси Энерджийы» æнæцардуагон фæлхасгæнджытæн   фыццаг июлæй æрдзон газы тариф æрбайсдзæн   иу кубон метрæн 1.35 тетрийы  бæрц
«Тбилиси Энерджийы» æнæцардуагон фæлхасгæнджытæн фыццаг июлæй æрдзон газы тариф æрбайсдзæн иу кубон метрæн 1.35 тетрийы бæрц

«Тбилиси Энерджийы»  æнæцардуагон  фæлхасгæнджытæн  фыццаг июлæй   æрдзон газы тариф  фæивдзæн.   Информаци уый фæдыл   æнæххæсбар æхсæнад   «Тбилисы Энерджи»  ахæлиу кодта.

Компанийы  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,   æнæцардуагон  фæлхасгæнджытæн бадæттинаг  газы  аргъ  иу кубонметрæн  уыдзæн  1.35 тетрийы бæрц, уæлæмхас  фидтон хынцгæйæ.

Уыимæ ма «Тбилисы Энерджийы» хъусын кæнынц, цæмæй æрдзон газы  аргъ  нæ зынаргъ кæны   цардуагон   фæлхасгæнджытæн.

Газы аргъы рæзт  компани фæстагрæстæджы  газы  дунейы базарыл  æргъты  виппайды  рæзтæй æмæ  ацы   тенденци бахъахъхъæдæй  райхæлдта.