Тбилис Дунейы  сахарты туризмы ассоциацийы  уæнг ссис
Тбилис Дунейы сахарты туризмы ассоциацийы уæнг ссис

 

Тбилис ссис Дунейы сахарты  туризмы  асоциацийы  уæнг – уый тыххæй  сæйраг сахары мэр Къаха Каладзе  Тбилисы хицауады   абоны рабадтыл райхъусын кодта.

Къаха Каладзе  алы  уыцы  пайдайыл фæныхас кодта, кæцыйы бæстæйы сæйраг сахарæн æрхæсдзæн  ассоциацийы  уæнгдзинад.

 

«Ай у  уæнг сахарты  æхсæн туризмы  сферæйы  активон æмкуысткæнынад, æндæр æмæ æндæр  индустрион  ассоциацитимæ  бастдзинад сфидар кæнын, тематон æмæ  бизнесфембæлдтæ, туристон  продуктты æмæ  зонындзинад райрæзын кæнынæн æххуыс æмæ а.д.  Уый тыххæй мах  алцыппæт хъуамæ саразæм  уымæн, цæмæй  Дунейæн базонын кæнæм нæ бæстæ, сахар, йæ фендæтгатæ, традицитæ,  кæцытæй  афтæ хъал стæм.  Ис нын тынг хæрзад  хæринæгтæ, сæн æмæ  сеппæтæй сæйраг,  стæм уазæгуарзаг  адæм æмæ кæцыфæнды турист,  кæцы ардæм æрцæуы,   стæй æнæмæнгæй  æрыздæхы  Тбилисмæ йæ хæлæрттимæ æмæ бинонтимæ иумæ. Растдæр уый тыххæй хъæуы  туризм  баахъаз кæнын. Уыцы ахаст, цæмæй нæ ницæмæн хъæуы  уырыссаг туристтæ, категорионæй нæрайсгæ у. Цæттæ стæм  алы бæстæйæ  райсæм туристтæ афтæ, æмæ сæ æдасдзинад  сахар кæнæ бæстæй уав  максималонæй  хъахъхъæд.  Ай фыццаджы дæр нæ сахары æмæ бæстæйы  экономикæйы  рæзынадæн у нысаниуæгджын,» – райхъусын кодта Къаха Каладзе.