Тбилис-Батум-Тбилисы æрдæм абонæй  змæлдзæн ног уæлæмхас поезд
Тбилис-Батум-Тбилисы æрдæм абонæй змæлдзæн ног уæлæмхас поезд

Курортон сезонмæ райрæзгæ  бæлццæтты  къадайæн хуыздæр лæккад  банхъарыны нысанæй,   «Гуырдызстоны æфсæнвæндаг» Тбилисæй   æмæ Батумæй, дыууæдæр æрдæм, бæлццонон поездтæ  бафтаудзæн –  уый фæдыл  информаци «Гуырдызстоны Æфсæнвæндаг» хъусын кæны.

Сæ  хъусинагæй,  11  августæй,  поездтæ змæлдзæн ахæм ранывæзтæй:

Рацыд Тбилисæй – 09:05 сахат;

Батуммæ  ныццыд –  14:42 сахат;

Рацыд Батумæй-18:30 сахат;

Тбилисмæ æрцыд – 00:07 сахат.

«Билетты балхæнын гæнæн ис:  Georgian Railway Tickets-ы мобилон аппликацийы  фæрцы.  Мобилон аплликаци ифтонггонд у  уникалон фæрæзæй, сывзарат  фæндон бынæттæ поезды  мидæг. Афтæдæр  веб-фæрстыл : Railway.ge, Tkt.ge, Biletebi.ge, Matarebeli.ge; цырд  фиддоны аппаратты æмæ билетты  кассæты дæр» – дзырдæуы   «Гуырдзыстоны Æфсæнвæндаджы»  ахæлиугонд  хъусинаджы.