Тбилис абон сфысым кæндзæн  Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Туркы фæсарæн хъуыддæгты министрты  фембæлдæн
Тбилис абон сфысым кæндзæн Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Туркы фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлдæн

 

Тбилисы абон  цæуы  Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ   Туркы   фæсарæн хъуыддæгты министрты  фембæлд.  Фæнысангонд фембæлд   радæй  æстæм  министериал  у  æртæфарсон   форматы.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады  информацийæ,   министртæ    æркæсдзысты   æртæфарсон   æмкуысткæнынады    архайæг боны фæтк   æндæр æмæ æндæр  æрдгæй,  сæрмагонд хъусдард  здæхт æрцæудзæн   Азербайджаны   Гуырдзыстон æмæ Турчы  æмкуысткæнынады   æрдæм транспорты  æмæ  энергетикæйы  фарстаты.

Æртæфарсон   министериалы  фæлгæтты  къух  бафысдзысты  фæсарæн хъуыддæгты министрты  иумæйаг   куырдиатыл.

Азербайджаны  æмæ  Турчы   фæсарæн хъуыддæгты   министрты  визитты  фæлгæтты,  афтæдæр пълангонд сты  сæ  фембæлдтæ   Гуырдзыстоны  æххæстгæнæг æмæ  закъондæттæг   хицауады  минæвæрттимæ.