Тамила Лапанашвили - æнæпартион, партион чи у уыдон, алкæмæй уæ курæг дæн, Важа Гаприндашвилийы тыххæй сæрхызт куырдиæттæ саразæм
Цхинвалы оккупацион режимы æрцахстуæвæг дохтыр, Важа Гаприндашвилийы бинойнаг, Тамила Лапанашвили алкæмæ, партийы чи уæвы уыдонмæ, афтæдæр бынтон æнæпартион æмбæстæгтæм баздæхт куырдиатæй, Гапринлашвилийы тыххæй ныхасы рæстæджы тынг арæхтсгæйæ уой зæгъгæ.
«Курæг уæ дæн алкæмæй, цæмæй кæцыфæнды фразæ æмæ ныхас, кæцйы фæрцы равдисæм Важа Гаприндашщвилийæн фархæцын, фæнды ам, фæнды Тбилисы, интервьюты рæстæджы, кæнæ хуымæтæгæ ныхасы рæстæджы, ал ныхасыл лæмбынæг ахъуыды кæнæм, уымæн æмæ кæцыфæнды дзырд, гæнæн ис уымæн знаггадгæнæг уа. Фæнды алкæмæн уын бузныг зæгъын, партиты минæвæрттæн, кæнæ бынтон æнæпартионтæн, алкæмæн, æмæ уæ курæг дæн, нæ ацы куырдиат уæ зæрдыл дарут æмæ тынг сæрхызт куырдиæттæ аразæм, цалынмæ Важа Гаприндашвили æрыздæха уæдмæ æмæ стæй дæр, мах фидыдæн æмæ иумæй уæвыны тыххæй уый у иттæг нысаниуæгджын. Ацы акци у гманон, нæдæр политикон æмæ нæдæр тыхон» – райхъусын кодта Тамила Лапанашвили.
Оккупацион хаххы цур дохтыр Важа Гаприндашвилийы фарсхæцæг акци цæуы. Акцийы хайадисджытæ Фыццаг Республикæйы фæзыл сæумæрайсомæй æрымбырд сты æмæ оккупацион хаххы æрдæм араст сты.