Тамерлан Мачаликашвилийы мад – ацы хъуыдтаг мах афтæ нæ ныууадзыстæм, æнæхъæн ком, хæстæджытæ æмæ мыгкаг сæ къæхтыл слæудзысты
Тамерлан Мачаликашвилийы мад – ацы хъуыдтаг мах афтæ нæ ныууадзыстæм, æнæхъæн ком, хæстæджытæ æмæ мыгкаг сæ къæхтыл слæудзысты.
Хъæу Дуисы спецоперацийы рæстæджы цæфгонд æрыгоны ныййарджытæ барадхъахъæнджыты тыхы фæуæлдайы æмæ фæдагуырды æнæраст æхæхстыл ныхас кæнынц æмæ сидынц, цæмæй сæрмагонд рæстдзинады сбæлвырд уыдон бæстæйы æттийæ дæр бахъавдзысты. Сæ ныхасмæ гæсгæ, Тамерлан Мачаликашвили нæдæр криминалимæ æмæ нæдæр хæцæнгарзимæ бастдзинад нæ уыд.
«Полицийы расидæнтæ сты гæды ныхæстæ, уый æнæхъæн ком сбæлвырд кæндзæн. Нæ сыввæлонæн ницы хуызон бастдзинад нæдæр хæцæнгарзимæ æмæ нæдæр криминалимæ нæ уыд» -сиды цæфгонд æрыгоны мад Медея Мачаликашвили.
ПÆК тероризмы финансирдзинады, терористон хъуыдтагы материалон фарсылхæцындзинад æмæ ресурстæй ифтонгы аххосагæй фондз уæнг æрцахстой.
«Тамерлан Мачаликашвили ахсты рæстæджы бахъавыд быцæудзинадмæ барадхъахъæнджыты ныхмæ цæй фæстиуæг дæр уыд æхст.
Дуисы спецоперацийы рæстæджы цæфгонд æрыгон реанимацийы ис
Медикты информацийæ, Панкисы хъæу Дуисы, спецоперацийы рæстæджы цæфгонд 19-аздзыд Тамерлан Мачаликашвилийы уавæр æнæивгæ у. Пациент Телавы рефералон рынчындоны уæззау уавæры ис.
Хъæу Дуисы спецоперацийы рæстæджы цæфгонд æрыгоны уавæр критикон у
Медикты информацийæ, Панкисы хъæу Дуисы, спецоперацийы рæстæджы цæфгонд 19 аздзыд Тамерлан Мачаликашвилийы уавæр ацы рæстæгмæ критикон у.