Тамар Къордзаиа -  ахъуыды кæнын хъæуы, цæмæй АИШ арæх бацагуры рæстæг  ахæм чысыл бæстæйыл уынаффæ кæнынæн, цахæм дæр у Гуырдзыстон
Тамар Къордзаиа - ахъуыды кæнын хъæуы, цæмæй АИШ арæх бацагуры рæстæг ахæм чысыл бæстæйыл уынаффæ кæнынæн, цахæм дæр у Гуырдзыстон

«Хæларады  акт»  кæцыйы  Сенаты æввахс  бонты æркæсдзысты,  дæтты  нын ныфс  14 миллиарды бæрц æххуысы  стыр   хайы æмæ  ныфсæвæры  æнæвизæ дыууæрдæм змæлды  АИШ-имæ, уæлдайдæр ацы  акт   у  дыууæпартион  бадзырд «демократты» æмæ «республикæгты» æхсæн. –  уый фæдыл «Иудзинад – Националон Змæлды» лидер Тамар Къордзаиа  райхъусын кодта.

Тамар Къордзаиайы  фидиуæнæй, зæгъгæ ахъуыды  кæнын  хъæуы  ахæм бæстæ цахæмдæр у  АИШ, тынг  арæх  куы  бацагуры  рæстæг, фæуынаффæ кæна  ахæм чысыл бæстæйы  тыххæй  цахæмдæр у  Гуырдзыстон.

«Æввахс бонты  Сенаты  плангонд у  каст,  кæцыйы «республикæгтæ» æмæ «демократтæ» иумæйагæй   фæуынаффæ кæндзысты   Гуырдзыстоны  уæвæг  демократийы   кризисыл  æмæ растдæр  «хæлар  акт»,  кæцы нын ныфсæвæры 14 миллиарды бæрц æххуыс æмæ æнæвизæ  дыууæрдæм змæлд АИШ-имæ, у  дыууæпартион  бадзырд. Дыууæдæр партийы минæвæрттæ  разы  сты, цæмæй  Гуырдзыстоны  кæд  Гуырдзыстоны æмбæстæгты   æвзæрст фæуæлахиз уыдзæн, уæд сæм уыдзæн   ацы  14 миллиарды  бæрц æххуыс, фæлæ  кæд Гуырдзыстоны хицауад æмбæстæгты  ацы  фæнды  нымадмæ нæ райсдзæн, уæд кæй  зæгъын æй хъæуы, санкцитæ уыдзысты бирæ карздæр  нырыкконимæ  абаргæйæ», –   райхъусын кодта Къордзаиа.