Тамар Хулордава - Евросоветы парламентон ассамблейыл райсгæ фæстиуæг у стыр æнтыст Гуырдзыстонæн
Евросоветы парламентон ассамблейыл райсгæ фæстиуæг у стыр æнтыст Гуырдзыстонæн, Украинæйæн æмæ алы уыцы делегацийæн, кæцытæ бавдыст проекты ныхмæ уыдысты – уый фæдыл Евроинтеграцийы комитеты сæрдар Тамар Хулордава Евросоветы парламентон ассамблейы регламенты ивды фæдыл резолюцийы проектыл ныхасы рæстæджы загъта, кæцыйы автор фæстæмæ асидтис.
Тамар Хулордавайы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны делегацийы активон куыст баахъаз кодта цæмæй раныхасгæнæг резолюцийы проект фæстæмæ асидтис.
«Абон кастæуыд иттæг нысаниуæгджын, махæн тынг ахсджиаг æмæ риссаг фарста. Афтæма зæгъдзынæн цæмæй уыцы фæстиуæг кæцы райстæуыд абон, у стыр æнтыст Гуырдзыстонæн, Украинæйæн æмæ алы уыцы делегацийæн кæцы парламентон ассамблнейыл бавдыст проекты ныхмæ уыд. Документ йæ хъуыдыйы дартта, Уæрæсейы æрдæм санкцитæ нысаниуæгджын бæрцæй фæрогдæр кæнын.
Парламентон ассамблейыл ахæм ситуаци уыд, процесстæ афтæ ацыдысты, æмæ проектæн бирæ ныхмæлæууæг разынд. С æ нымæцы Гуырдзыстоны делегацийы æрдгæй дæр. Тынг райгонд дæн цæмæй нæ делегацийы активон куыст ахъаззаг уыд раныхасгæнæгæн йæ сæрмагонд проект фæстæмæ ахастаит. Уымæй бæрæг у, цæмæй фидæн иу афæдзы дæргъы, ацы фарста нал æрыздæхдзæн парламентон ассамблейы æркæсинаг фарстаты ранымадмæ»- райхъусын кодта Тамар Хулордава.
Евросоветы парламентон асамблейы регламенты ивды фæдыл резолюцийы проекты автор фæстæмæ асидтис. Инициативæйы автор бельгиаг Петра де Сутер уыд. Афтæдæр йæ æркуырдæй, резолюцийы проект æрыздæхдзæн комитетмæ.
Тамар Чугошвили ма хъуамæ бауадзæм прецедент, цæмæй бæстæйы, кæцыйы Евросоветы хæслæвæрдтыл нæйы сиды, хъауджыгондæй ахадынц.Уый фæдыл Евросоветы парламентон ассамблеайы ныхасæй рацыды рæстæджы Гуырдзыстоны делегацийы уæнг Тамар Чугошвили расидтис.
Уæрæсейы делегацийæн Евросоветы парламентон ассамблейы хъæлæсы бар, 2014 азы ХЪырмы анексиæй тыххæй байстой. Фæстæдæр Уæрæсе организацийы куысты хайад райсыныл æмæ уæнгон фидтон бафидыныл нæзагъд скодта.