Тамар Хулордава – Евроцæдисимæ æнæвизон змæлды процессы махæн ахæм хæлдтытæ нæй, цæмæй фæдисы бындур сырæза

Евроцæдисы шенгены зонамæ æнæвизон режимы скуыстыл тагъд иу аз сыххæст уыдзæн.

Фыццаг канал баинтерес ис, Гуырдзыстоны цал æмбæстаг ныццыд Евроцæдисы бæстæмæ æнæвизайæ, цасæн загътой нæйы æмæ цас фехæлдта æнæвизон режимы уагæвæрд.

Дзуаппытæ ратта Гуырдзыстоны парламенты Европаимæ интеграцийы комитеты сæрдар Тамар Хулордава.

Хулордавайы информацийæ, январы кæронмæ уæвæг æрбадæттæгтæм гæсгæ, ивгъуыд азы 28 марты фæстæ æнæвизон режимæй 190 000 -йæ фылдæр адæймаг спайда кодта, 600 цау сфиксир, Гуырдзыстоны æмбæстагы Евроцæдисы бæстæмæ куы нæ бауагътой. Алы цауы нæйы расидт уыд баст конрктеон объективон тыгъдадимæ.

Уыцы æмбæстæгтæм та цы хауы, кæцытæ фæстæмæ нæ æрыздæхтысты – ацы æрбадæттæгты фæдыл хъуамæ зæгъæм, цæмæй уыы нымæц махмæ нæй, уымæн æмæ уыдон , кæцытæ фæстæмæ нæ æрыздæхтысты фиксиргонд æмгъуыдмæ нæ нысан кæны æмæ халы визон режим.

Евроцæдисы бæстæтæй реадмисийы фæрцы Гуырдзыстонмæ – 2000 йæ фылдæр æмбæстаг æрыздæхтой. Адон сты фæстаг азы – 2017 азы январæй 2018 азы январы онг æрбадæттæгтæ.