Тамар Габуниа – уагдæттæ, кæцытæ баст сты вакцинацийы процессы, райсом байгом кæндзысты кол-центртæ, кæцыты фæрцы æмбæстæгтæн уыдзæн  фадат бынатмæ адзурын æмæ  рæстæг бацахсын
Тамар Габуниа – уагдæттæ, кæцытæ баст сты вакцинацийы процессы, райсом байгом кæндзысты кол-центртæ, кæцыты фæрцы æмбæстæгтæн уыдзæн фадат бынатмæ адзурын æмæ рæстæг бацахсын

Массон  вакцинаци райдаын  у нæ сæйраг приоритет. Ацы нысанæн  регистрацийы порталæй  архайæм,  афтæма ис  альтернативон фæндæгтæ, 150 уагдон, кæцытæ  баст сты  вакцинацийы  процессы,  сом æмæ  иннæбон, байгом кæндзысты  сæ кол-центртæ, кæцыты фæрцы æмбæстæгтæн   уыдзæн  фадат  бынатмæ адзурын æмæ  рæстæг бацахсын, кæцы нын  ратдзæн фадат  æмбæстæгтæн вакцинæ рæувадат скæнын – уый фæдыл  æнæнизхъахъхъæды министры  хæдивæг  Тамар Габуниа фехъусын кодта.

Габуниайы  дзырдæй, абоны бонмæ мобилизацгонд у  300 бригадæ.

«Алкæцы бригадæйæн йæ бон у  боны мидæг  60 æмбæстагы вакцинаци скæнын.  Медицинон   уагдоны æддæйæ,  молты афтæдæр   цæуы цæттæдзинад, «Лило» æмæ «Сити Молы»  бацæттæгæнæн куыстытæ райдыдта, «Хуалингы»  нырид архайы   вакцинацийы  программæ. Уый æппæт баст уыдзæн  æркуырдыл æмæ   цас бахъæудзæн уæлæмхас  тыгъдадтæ  уымæ гæсгæйæ» –  райхъусын кодта Габуниа.