Тамар Габуниа нæ цух кæны уый, цæмæй «PCR» тест æнæмæнгхъæугæ бауа уæлдæфон фæндагæй æрцæугæ туристтæн дæр
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниа нæ цух кæны уый цæмæй уынаффæ ногæй æркæсой æмæ «PCR» тестæй басгæрст уæлдæфон фæндагæй æрцæугæ туристтæн дæр æнæмæнгхъæугæ бауа.
«Сурзæххæй æрцæугæ уæнгтæ цыфæнды цауы тестæй басгæрсты дæлбар сты, ницы уæлдай у сæ вакцинацийы статус. Нырма уæлдæфонфæндагæй æрцæугæ туристтæ, кæцытæ фылдæр цауы абаргæйæ ныллæг рискы бæстæтæй æрцæуынц, бæстæмæ арбахизынц æнæмæнг тестæй басгæрстæй уæгъд, фæлæ уый фæдыл дæр цæуы уынаффæ æмæ, гæнæн ис, эпидемиологион уавæры æнæмæнгхъæуындзинадмæ гæсгæйæ, ацы уынаффæ дæр ногæй æркæсæм æмæ уæд универсалон æркуырд, куыд сурзæххон, афтæ уæлдæфон фæндагæй æрцæугæ туристтæн дæр. Нырма ис хъауджыдæргонд режим – сурзæххæй æрцæугæйæн æнæмæнгæй хъуамæ уа «PCR» тест, уæлдæфон фæндагæй æрцæуынц æххæст вакцинацигонды статусы æвдисæндаримæ», – банысан кодта Габуниа.