Тамар Габуниа хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны коронавирусы цауты цырдæй ахæлиу æмæ мæлынады райрæзгæ цаутæ гæнæн ис баст уа индиаг штаммы ахæлиуимæ
Æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниа хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады цауты цырдæй рæзт æмæ райрæзгæ мæлынад, гæнæн ис баст уа индиаг штаммы ахæлиуимæ.
Уый фæдыл Габуниа райхъусын кодта журналисты фарстæн дзуаппы рæстæджы.
Фарстьыл: «Абон инфициргондты нымæц бæрзонд уыд, афтæдæр бæрзонд у мæлынады бæрæггæнæн, цæйимæ у баст инфицрады фæарæх, цымæ индиаг штаммæй цы хонынц уыйимæ баст у æви нæ» – Габуниа дзуапп ратта, цæмæй нæ ацух кæнид зæгъгæ.
«Дельта варианты афтæ хуынæг индиаг штаммы ахæлиуы фæдыл низты контролы центр раджы дæр ахæлиу кодта информаци. Фæстаг периоды дæргъы уæлæмхасæй авд цау сбæлвырд ис, кæцы уый амонæг у, цæмæй бæстæйы циркуляци кæны индиаг штам. 10-æй 20 проценты онг у гæнæн ахæлиукæнынад. Цух нæу цæмæй цауты цырдæй фæфылдæр, æмæ низы уæззау цыды аххосæй фылдæр кæны мæлынад, уый баст уа дельта штамы ахæлиуимæ. Фæлæ ацы этапыл аххос-фæстиуæгон бастдзинад сбæрæг кæнын зын у», – райхъусын кодта Тамар Габуниа.