Тамар Габуниа - этапгай райрæздзæн уыцы клиникæты нымæц, кæцытæн нырид бынатыл уыдзæн сæ бон цырд тестæй пациентты басгарын
Æхъæл стæм, цæмæй иу-дыууæ къуырийы дæргъы этапгай райрæздзæн уыцы клиникæты нымæц, кæцытæн нырид бынатыл уыдзæн сæ бон цырд тестæй, тæвд кæмæ ис уыцы пациентты басгарын, кæцытæн фæбæрæг уыдзæн клиникон симптомтæ æмæ сты клиникæйы – уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдызстоны æнæнизхъахъхъæнынады министры хæдивæг Тамар Габуниа.
Тамар Габуниа куыд банысан кодта уымæ гæсгæйæ, ацы афонмæ бæстæйы ис цыппар мин хуызагыл æнцойæвæрд тест, кæцы дæттын дыууæдæр иммуноглобон сбæрæг кæныны фадат, афтæма ис дыууæ мин цырд антигеныл æнцойæвæрд тест, кæцыйæн хъæуы анализатор.
«Клиникон симптомтæ нысаниуæгджын сты, цæмæй нын уа рационалон ахаст тесттæй пайдакæнынады. Алкæмæн тестæй басгæрст, кæд æмæ сæм симптомтæ нæй, уæд рационалон нæ уыддзæн æмæ ахæм ахаст ног алгоритмæй зæрдæмæдзæугæ нæу» – райхъусын кодта Габуниа.