Тамар Габуниа – дыууæхаттонæй вакцинацигонд æмбæстæгты æхсæн мæлынады иунæг цау дæр не сфиксир ис
Дыууæхаттонæй вакцинаци чи ацыд, уыцы æмбæстæгты æхсæн мæлынады иунæг цау дæр не сфексир ис, – уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниа, æхсæнуагдонон координацион советы фæуды фæстæ фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ инфицирады цауты нымæц тыххæй куы зæгъа, дыууæхаттонæй вакциниргондты æхсæн уый у 0,3% бæрц, кæцы тынг ныллæг бæрæггæнæн у.
«Инфицирады нымæцы тыххæй куы зæгъæм, дыууæхаттон вакцинацигонд æмбæстæгты æхсæн уæд, мæнмæ цы бæрæггæнæнтæ ис, уыдонмæ гæсгæйæ, сæ нымæц у 0.3% бæрц, кæцы тынг ныллæг у. Мæлынады иунæг цау дæр не сфиксир ис. Инфекцийæ 100%-æй иунæг вакцинæ дæр нæ иргъæвы, уый нымæцы нæдæр «Pfizer» нæдæр Модерна æмæ нæдæр «Синовак». Инфицирад гæнæн ис, фæлæ тынг стæмты, стæй та низ уыдзæн абаргæйæ рогдæр æмæ йын нæ уыдзæн леталон фæстиуæг. Уый у сеппæтæй стыр хъахъхъæд», – райхъусын кодта Тамар Габуниа.