Тамар Чугошвили- Евросоветы парламентон ассамблеайы ныхасæйрацæуджытимæ иттæг хорз фембæлд сырæзт
Евросоветы парламентон асамблеайы Гуырдзыстоны делегацийы къухдариуæгы, парламенты фыццаг вице-спикер Тамар Чугошвилийы расидæнмæ гæсгæ, ПАСЕ-йы ныхасæйрацæуджытимæ фембæлды рæстæджы, ныхас конституцион реформамæ баххæсыд. Уый фæдыл Чугошвили ПАСЕ-йы мониторингы комитеты бæрнонтимæ фембæлды фæстæ расидтис. «ПАСЕ-йы докладчиктимæ иттæг хорз фембæлд сырæзт, ныхас баххæсыд конституцион рæформæ æмæ Венецийы камисы хаццæгмæ. Тынг позитивон фембæлд уыд. Фиппаинæгтæ сæм нæ уыд, уыд фарстатæ, конституцион реформæ æмæ уыцы ивæндзинæдтæ, кæцытæ ныр сты инициргонд æмæ сæ фæдыл халæппæрст декабры сырæздзæн, растдæр Венецийы камисы рекомендацимæ гæсгæ цы хай бамбæрзта. Венецийы камис Евросоветы орган у æмæ уыдонæн зындгонд у уыцы рекомендацитæ, кæцытæ махæн Венецийы камис ратта æмæ кæцытæ мах райстам хъусдардмæ» -сиды Чугошвили.