Тамар Багратиони - фæцис дунеон саммит, кæцымæ мæ фæхуыдта, АИШ-ы фыццаг леди, Мелания Трамп, саммит мæнæн уыд стыр фæлтæрддзинад æмæ сæрыстырдзинад, уымæн æмæ æз Гуырдзыстоны бæрнон уыдтæн
Глобалон саммит, кæцымæ мæ фæхуыдта АИШ-ы фыццаг леди, Мелания Трамп, фæцис. Мæнæн ацы саммит уыд стыр фæлтæрддзинад, стыр сæрыстырдзинад, уымæн æмæ æз æвдыстон Гуырдзыстоны – уый фæдыл Гуырдзыстоны фыццаг леди, Тамар Багратиони АИШ-мæ визитæн хатдзæгтæ кæнгæйæ расидтис.
Тамар Багратиони куыд банысан кодта афтæмæй, саммит уыд масштабон æвдыст бæстæты нымæцмæ гæсгæ, æмæ темæ уыд глобалонæй нысаниуæгджын.
«Ацы саммитыл мах уыдыстæм 45 бæстæйы бæрнонтæ. Темæ уыд сæрмагонд, глобалонæй æнæмæнгхъæугæ æмæ риссаг, кæцы хауы ног технологиты райрæзтмæ, сæ интеграцимæ ахуырадмæ. Бирæ бæстæтæ равдыстой сæ фæндон ацы платформæйы фæлгæтты сæ бæстæты мадзæлттæ ауадзын. Уырныдта мæ, цæмæй не ‘хсæн арæзт сæрмагонд ахастытæ сеппæтæй нысаниуæгджындæр сты», -расидтис Таимар Багратиони.