Тамар Багратиони – Абон нæ иу кæны иу иумæйаг бæрндзинад, нæ сывæллæтты хæрзиуæг æмæ сæ фидæн, куыд фыццаг леди, афтæ æз æнæхъæн зæрдæйæ лæггад кæнын ацы миссийæн
Тамар Багратиони – Абон нæ иу кæны иу иумæйаг бæрндзинад, нæ сывæллæтты хæрзиуæг æмæ сæ фидæн, куыд фыццаг леди, афтæ æз æнæхъæн зæрдæйæ лæггад кæнын ацы миссийæн

Абон нæ иу кæны иумæйаг бæрндзинад, нæ кæстæрты фæрныгад æмæ сæ фидæн. Куыд фыццаг леди, афтæ æз æнæхъæн зæрдæйæ лæггад кæнын ацы миссийæн. Фыццаджы дæр уæм дзурын куыд цыппар сывæллоны мад, адæймаг, кæцы æмбары æмæ æнкъары æнæрлæугæ бæрн сывæллоны хæрзиуæгыл аудын – уый фæдыл Гуырдзыстоны фыццаг леди Тамар Багратиони Вашингтоны Мелания Трампы организгонд Глобалон саммиты «Иумæ хуыздæр фидæны тыххæй» кусæгон рабадтыл ныхасы рæстæджы расидтис.

Тамар Багратионийы ныхасмæ гæсгæ, стыр нысаниуæг ис зондджын уынаффæтæ райсын, ахæм ахастытæ, кæцытæ фадат ратдзысты нæ сывæллæттæн æрмæст рæзынæн æмæ ногдзинæдтæ аразынæн нæ, фæлæ ма гом, цымыдисон æмæ æддаг дунеимæ æнгом бастæй баззайын.

«Алы ныййарæг дæр зоны, цы æнæдзургæ æнкъарæнтæ хæссæм нæ зæрдæты: нæ сывæллæтты тæссагдзинадæй бахъахъхъæныны фæндон. Уыцы иу рæстæг сын раттын сæрибардзинад рæзынæн, ахуыр кæнынæн æмæ тагъд рæзгæ дуджы фадæттæй спайда кæнынæн. Ацы баланс ссарын æнцон нæу, уый у æрвылбонон зындзинад. Æнæдзургæ, æнæуынгæ, фæлæ алы бинонтæн дæр æцæг тыхстдзинад махæн нæ бон нæу равзарын. сæ æдасдзинад æмæ рæзт.Уый тыххæй дæр у сеппæтæй нысаниуæгджын зондджын уынаффæтæ райсын, ахæм ахастытæ, кæцытæ фадат ратдзысты нæ сывæллæттæн æрмæст рæзынæн æмæ ногдзинæдтæ æрхæссынæн нæ, фæлæ ма æнæмæнгæй баззайын æргом, цымыдисон æмæ æнгом баст æддагон дунеимæ, цæмæй сын уа сæрибардзинад хъазын æмæ социализаци кæнын, цæмæй ныфсджынæй бакъахдзæф кæной нымæцон трансформацийы фæндагыл. Нæ националон ахаст «астæуккаг фæндаджы» принципыл бындуриуæг кæны Уый у фæлгæттæ, кæцыты нысан у технологон ногдзинад адæймаджы намыс, фундаменталон бартæ æмæ сæйраджыдæр сабиты æдасдзинадимæ балансир кæнын» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны фыццаг леди Тамар Багратиони.

Гуырдзыстоны фыццаг леди Тамар Багратиони АИШ-ы фыццаг леди Мелания Трампы хуындæй Вашингтоны ис.