АИШ-ы Гуырдзыстоны минæвар Тамар Талиашвили сенатор Стив Дэйнимæ фембæлд. Уый фæдыл Талиашвили социалон хызагы фыссы.
«Мæнæн уыд стыр æхсызгон фембæлд АИШ-ы сенатор Стив Дэйнимæ, æцæг патриотимæ.Фæныхас кодтам АИШ-Гуырдзыстоны ахастыты ног сæр байгом кæныныл, уæвæг бастдзинæдты фæтыхджындæр кæныныл, афтæ дæр нæ регионы сабырад æмæ дидинæфтыды нысаниуæгыл», – фыссы Талиашвили социалон медийы.