Таксийы тæрæг Мерико Коберидзе æнæфидгæйæ ласдзæн 15 аздзыд Гиги Антадзейы йæ куыст бынатмæ ( видео)
Фыццаг Къаналы алæврд «Ахали Квирайы» (Ног Къури) эфиры ацыды фæстæ, программæйы хъайтартæ – таксийы тæрæг Мерико Коберидзе æмæ 15 аздзыд бизнесмен Гиги Антадзе схæлар сты.
Мерико ахицн кодта, алы райсом иу, бынтон æнæфидгæйæ аласа Гиги Антадзейы базармæ, æмæ уырдгæй та Мзиури паркъы йын цы дуканигонд ис уырдæм.
26 аздзыд Мерико Коберидзе фæцис аивады зонæдты факультет Илья номыл Паддзахадон университеты. Стæй та йæ ахуыр адарддæр кодта фæсарæнты æмæ ныр, таксийыл куыстæй уæлдай ма, йæм ис йæхисæрмагонд лыстæг бизнес.
15 аздзыд Гиги Антадзе та цребералон параличæй рынчын у, фæлæ йæ нæ хъыгдары йæхи бизнес аразын. Уый базар кодта натуралон дыргъы донæй Руставелиы проспектыл. Стæй та уынджы базарады фæдыл регуляцийы тыххæй, Тбилисы мэрий йын ратта дуканигонд «Мзиурийы» паркъы, цы ран æнтыстджынæй дарддæр кæны йæ куыст.