Тайланды лæгæты цæугæ ирвæзынгæнæг операци рæстæгмæ урæд æрцыд
Тайланды  лæгæты цæугæ ирвæзынгæнæг  операци  рæстæгмæ урæд æрцыд

Тайланды  лæгæты цæугæ ирвæзынгæнæг  операци  рæстæгмæ урæд æрцыд. Цъус  рæстæг размæ  уагъд пресс-конференцийыл   бынатыл   сырæзт  сæрмагонд  штабы  куыд  загътой  афтæмæй,    фервæзт цыппар   сывæллоны  æнæниздзинады  уавæр  æвæрццаг у зæгъгæ.

Штабы минæвæрттæ   ацы  этапыл   сбæлвырд кодтой  4  свывæллоны  кæй  фервæзын кодтой уый.   Фæлæ бынæттон  медиа  фыссы,   цæмæй   лæгæтæй  ракодтой  æхсæз   сывæллоны.

Штабы  къухдариуæггæнджытæ  куыд  дзурынц  афтæмæй,   ирвæзынгæнæг   операци  рæстæгмæ  урæд æрцыд   уымæн æмæ æнæмæнгхъæугæ  у цæмæй  æгæты  мидæг туаггуыры  æмвæзад    фæфылдæр уа.  Уымæн та  зæгъгæ иууыл  цъус   10 сахат  уæддæр бахъæудзæн.

Сæрмагонд  штабы   загхтой  цæмæй,   ирвæзынгæнæг   операцийы   хайад исынц  90  дæолдондзогæй,   40   Тайландæй,Ю æмæ 50 та   фæсарæйнгæтæ   сты  зæгъгæ. Уыдон лæгæтмæ  бацæуынц  радгай.

Фæйнæ  æнахъомы  рахизын кæнынц   дыууæ  дæлдондзогы, кæцытæ  рален кæнынц  специалон бæндæныл хæцгæйæ.