Гуырдзыстоны юстицийы раздæры министр Зураб АДеишвили, кæцы Гуырдзыстоны цалдæр хъуыддагыл у зылынмæ лæвæрд, цалдæры тыххæй та тæрхонмæ лæвæрд у æмæ агуырды ис, ИНО-ы штабхæдзары уæвы.
Æмбæлгæ фото Украинæйы æддагполитикон уагдоны веб-фарсыл ис æвæрд.
Украинæйы фæсарæн хъуыддæгты министрад публикаци скодта информаци æмæ фотоæрмæг ИНО-ы штабхæдзары Украинæйы хæлæртты къорды фембæлды министр Андрей Сибигайы æмхайады тыххæй, кæцыйы афтæдæр зыны Зураб Адеишвили. Фембæлд Уæрæсейыл, фыдракæндты тыххæй дзуаппмæ раттынмæ æххæссыд.
Зураб Адеишвили цæугæ азы æнæиухатт разындис æхсæнадæмон организациты, сæ нымæцы Евроцæдисы. Украинæйы генералон прокурроримæ иумæ, афтæма уыдис Гаагæйы, цы ран хайад райста фембæлдты. Фæстæдæр, Украинæйы генералон прокуррор социалон хызаг «Х»-ы публикацигонд фототæй Зураб Адеишвилийы схафта.