Тæрхондоны æскъуыддзагмæ гæсгæ, Ираклий Гъарибашвили 30 боны мидæг милуан ларийы цъынды хъуамæ бафида
Тæрхондоны æскъуыддзагмæ гæсгæ, Ираклий Гъарибашвили 30 боны мидæг милуан ларийы цъынды хъуамæ бафида

Тбилисы горæтон тæрхондон Гуырдзыстоны раздæры премьер-министр Ираклий Гарибашвилийæн превентивон мадзалæй, уæлдай стыр суммæйы æнæзаконон æфтиæгты легализацийы цауы, иу милуан ларийы æфсон ратта. Уый фæдыл тæрхонгæнæг Эка Барбакадзе цалдæр минуты размæ расидтис.

Тæрхондон æххæстæй сæххæст кодта прокуратурæйы курдиат. Снысангонд суммæ 30 боны æмгъуыдмæ раздæры премьер-министр хъуамæ бафида. Уымæй уæлдай ма райгонд æрцыдысты прокуратурæйы курдиæттæ, цæмæй йын фæсарæнтæм ацæуын ма уа æмæ йын йæ паспорт байсой.

Байхъуыстыл Гарибашвили йæхæдæг расидæн нæ сарæзта. Уый йæхи арæн кодта цыбыр фиппаинæгæй, зæгъгæ, разы у аххосæгтимæ. Æрмæст йæ адвокаттæ сарæзтой расидæнтæ. Адвокаттæй сæ иу, Гелашвили Лили куыд банысан кодта афтæмæй, Ираклий Гарибашвили фыццаг æрфарстмæ фæзынд, бæстæйæ ацæуыны бафæлвæрд нæ сарæзта æмæ йæ гоймагдзинад хынцгæйæ, æмбæхсыны бафæлвæрд дæр æнæрайсгæ у.

Тæрхондоны агъоммæ байхъуыст 16-æм декабры сырæздзæн.

Гуырдзыстоны раздæры премьер-министр, Ираклий Гарибашвили ныридæгæн тæрхондонæй рацыд.

Уæ информацийæ, 17-æм октябры басгæрстытæ Ираклий Гъарибашвили, Григол Лилуашвили, Отар Пъарцхаладзе æмæ семæ баст хицæн адæймæгты хæдзæртты сырæзт. Прокуратурæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ист æрцыдысты алыгъуызон электрон кусæнгæрзтæ, документаци, стæй стыр суммæ æхца.

Паддзахадон антикоррупцион агентады брифингыл 22-æм октябры расидтысты, цæмæй раздæры премьер-министр Ираклий Гарибашвилиимæ Антикоррупцион агентад интервью райста, кæцы æххæстæй æмгуыст кодта фæдагуырдимæ æмæ басаст, цæмæй æнæзаконон æфтиæгтæ иста бирæ азты дæргъы.