Тæрхондон стæрхон кодта æппæт 11 адæймагæн, кæцыты аххосджын кæнынц къордон тыхмийы, дыууæ азы ахæстоны фæбадын
Тæрхондон стæрхон кодта æппæт уыцы 11 адæймагæн, кæцытæ парламенты цур цæугæ протестон акциты рæстæджы къордон тыхмидзинады хайадисты аххосагæй ахст æрцыдысты дыууæ азмæ ахæстоны фæбадыны онг.
Тæрхонгæнæг Нино Галусташвили æскъуыддзаг æрæджы райста.
Ахстгонд 11 адæймагыл аххосджын кодтой уголовон кодексы 225-æм статийы 2-æм хаймæ гæсгæ, кæцы организгонд къордты тыхмидзинады хайадистмæ хауы æмæ 4 азæй 6 азы онг ахæстоны фæбадыны æмгъуыд дары йæ зæрдыл. Тæрхонгæнæг Галусташвили аххосаг ногæй снысан кодта уголовон кодексы 226-æм статьямæ, кæцы йæ зæрдыл дары активон хайадист къордон архайдтыты, кæцытæ хæлдтой æхсæнадон фæтк.