Тæрхондон Джуаншер Бурчъуладзейæн ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста
Тæрхондон хихъахъæнады раздæры министр Джуаншер Бурчъуладзейæн ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста.
Уый фæдыл æскъуыддзаг æрæджы Тбилисы горæтон тæрхондоны тæрхонгæнæг райста.
Тæрхонмæ Джуаншер Бурчъуладзе йæхæдæг дæр æрбацыд, банысан кодта, цæмæй аххосагимæ разы нæу.
Паддзахадон æдасдзинады куыст Хуаншер Бурчуладзейы 11-æм сентябры æрцахста, прокуратурæ Бурчуладзейы официалон бартæй æнæзакъонæй спайда кæныны æмæ æнæзакъонон æфтиæгты легализацийы аххосджын кодта.
«Паддзахадон æдасдзинады куысты антикоррупцион уагдоны ауагъд фæдагуырды фæстиуæгæн сбæлвырд ис, цæмæй 2023 азы Гуырдзыстоны уæды хъахъхъæнынады министр йæ официалон бартæй спайда кодта йæхицæн æмæ йæ хæстæгæн царды фæрæзтæ райсынæн.Сæрмагондæй та йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны уæды хъахъхъæнынады министры хæдивæг æмæ хъахъхъæнынады департаменты раздæры къухдариуæггæнæг Гуырдзыстоны министрадимæ Гуырдзыстоны раздæры хъахъхъæнынады министры хæстæджы æххуыс, æфсæддон госпиталæн медицинон кусæнгæрзтæ балхæныны процессы æнæконкурентон уавæр сарæзта, цæй фæстиуæгæн кусæнгæрзты аргъ фæфылдæр æнæреалон бадзырдты фæрцы æмæ Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрадмæ 2 606 272 ларийы аргъ кусæнгæрзтæ лæвæрд æрцыдысты 3 940 000 ларийы фыдракæндты фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны хихъахъæнады министрадæн 1 333 728 ларийы бæрц мулк зиан æрцыд.