Тæрхондæтты  адæймаджы барты  Европаг  тæрхондоны стандарттæ  æрфидар кæныны фæдыл, парламенты  кусæн балы  рабадт цæуы
Тæрхондæтты адæймаджы барты Европаг тæрхондоны стандарттæ æрфидар кæныны фæдыл, парламенты кусæн балы рабадт цæуы

Парламенты Гуырдзыстоны  тæрхондæтты  адæймажды барты европаг тæрхондоны  стандарттæ  æрфидар кæныны фæдыл уынаффæ кæнынц.  Кусæн къорды  рабадт ацы минутты  цæуы.   Фембæлдыл  сты парламенты сæрдар Шалва Папуашвили, депутаттæ, æнæхицауадон организацитæ  æмæ адæмон   барты  хъахъхъæнæгы  хæдивæг.  Фембæлды фæлгæтты  хъуыдыты  баивд уыдзæн  æмæ фидæнмæ  закондæттæн  ивддзинæдтæ  æрцæттæ кæндзысты.

Фембæлды размæ парти «Æмбæстæгты»  уæнг Леван Иоселиани  журналисттæн   куыд фехъусын кодта афтæмæй,   абон фæуынаффæ кæндзысты  куыд тугтæрхоны   барады  процессон кодексы, афтæ æмбæстагон   процессон кодексы Европæйы  адæймаджы  барты  хъахъхъæды тæрхондоны  уынаффæтæ  проактивонæй  пайда кæныны фæдыл.

Йæ дзырдæй,   зæгъгæ гуырдзиаг  тæрхондон, Европæйы адæймаджы  барты  тæрхондоны  уынаффæтæ мидисон  цæстæнгасæй   йæ зæрдыл хъуамæ бадара æмæ сæ  райса.

«Абоны фембæлд  Евроцæдисы 12 пунктджын рекомендациты уыцы  пунктыл æнцойæвæрд у, кæцы  гуырдзиаг тæрхонгæнджыты æрдгæй  адæймаджы  барты  хъахъхъæды Европаг   тæрхондоны   уынаффæтæ  проактивонæй  пайда  кæнын дары  йæ  хъуыдыйы.

Абон  гуырдзиаг  тæрхондон  ацы  уынаффæтæй æцæгдæр   пайда  кæны, фæлæ  арæх, формалон  равг хæссы, уынаффæтæ  куы бавдисынц, фæлæ  не ндавы  тæрхондоны  уынафæйы   мидисмæ.

Абон  дзырдæуы  уый фæдыл, цæмæй  тугтæрхоны  барады  процессон  кодексы,  афтæма  æмбæстагон процессон  кодексы Европæйы  адæймажы барты  хъахъхъæды  тæрхондоны  уынаффæты  проактивонæй пайдакæнынадыл  æмæ сегасдæр сæйраг,  формалон  хайы  зæрдылдарын нæ фæлæ,  сæ мидисы  аргументаци цæуа.

Гуырдзиаг  тæрхондон  Европæйы адæймаджы барты  тæрхондоны уынаффæтæ  мидисон  цастæнгасæй  хъуамæ  йæ зæрдыл бадара  æмæ  сæ райса.  Тæрхондон  хъуамæ райса    уыцы стандарттæ, кæцы стандарттæй адæймаджы барты  Европаг   тæрхондон  фундаментон барты  сæрыл хæцы», – райхъусын кодта Леван Иоселиани.