Сывæллæтты хъæхъхъæды æхсæнадæмон бонмæ гæсгæ фыццаг июны Мзиурийы паркы цæудзысты мадзæлттæ
Сабиты хъахъхъæды æхсæнадæмон бонмæ гæсгæ фыццаг июны сæйраг горæты мэрийы, культурæ, ахуырады, спорты æмæ фæсивæдон хъуыддæгты горæты куысты æмæ вакейы районы гамгеобайы иумæйаг организацигондæй, Тбилисы, Мзиурийы паркы, плангонд сты æндæр æмæ æндæр сабион ивхæрсæн мадзæлттæ. Уый фæдыл иформаци хъусын кæны Тбилисы мэри.
Афтæма сæ информацийæ, активондзинæдтæ цалдæр локацийыл 16:00 сахатæй, 20:00 сахаты онг периоды цæудзысты.
«Сценæйыл бавдыст уыдзæн сабион студиты концерт, куклаты театры равдыстытæ сабитæн æмæ аргъауы хъайтарты равдыст æндæр æмæ æндæр ивхæрсæн активондзинæдтæ. Боны дæргъы активондзинæдтæ сыххæст уыдзысты гом тыгъдадты.
Афтæма, фыццаг июны мадзæлтты рæстæджы, Тбили- чиныджы дунейы сæйраг гоæрты фæлгæтты, ацæудзæн сабион литературæйы æмæ къухæй конд мигæнæнты равдыст-уæй, аргъæуттæгæнæджы уат æмæ æндæр активондзинæдтæ. Æнæхъæн боны дæргъы, сабитæм лæвæрд уыдзæн æндæр æмæ æндæр адджинæгтæ, сæ равгыл та бакой кæндзысты аргъауы хъайтартæ. Мадзæлттæм бацыд у æнæфидгæ» – банысангонд у мэрийы информацийы.