Тбилисы, Дампалойы уæлмæрдæй цы хонынц уыцы ран, Русудан Придонашвили æртæ хъæбулимæ иумæ чысыл къæсы цæры.
Бинонтæ ацы ран уый фæстæ æрцардысты, Сигънагъы ипотекæйы æвæрд хæдзар куы фесæфтой уæд. Русудан Придонашвилийæн дыууæ азы размæ йæ мой амард æмæ сывæллæттимæ иумæ иунæгæй баззад. Сæ æфтиаг у социалон æмæ сидзæртæн паддзахадæй æххуыс. Русудан Придонашвили æндæр æмæ æндæр уæззау куыст кæны, цæмæй йæ хъæбулты хæринагæй ма фæхъуаг кæна.