Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитет – Абхазы гарзджын конфликты рæстæджы фæмардуæвджыты идентификаци дарддæр кæны
Абхазийы 1992-1993 азты гарзджын конфликты рæстæджы фæмардуæвджыты идентификаци дарддæр кæны.
Сырх ДЗуары æхсæнадæмон комитеты ахæлиугонд релизы куыд у банысангонд афтæмæй, ацы фарстайы фæдыл фембæлд Ереваны абон ацыд.
Европæ æмæ Централон Азийы Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты (СДÆК) куысты координаторы Никола Флорийы дзырдæй, гуырдзиаг æмæ абхазаг хайадисджытæй арызт координацион механизмы саразыны фæстæ, 431 адæймаджы мардыбуары рацагурын æмæ эксгумаци æрцыд, сæ нымæцы идентификацигонд æрцыд 148 сæ æмæ бинонтæм алæвæрдтой бавæрынæн.
«Нæ тыхархайдæй, 2019 азы райдианы, фылдæр бинонтæ райсдзысты дзуапп уыдонæн зынаргъ адæймæгты амонды фæдыл. Идентификацийы процесс кæронбæттæн этапыл лæууы. Ацы прогресс координацион механизмы хайадисджыты хиуылнæауæрдгæ æмгуыстады æмæ проессы бынæттон экспертты бастдзинады фæстиуæг у, кæцыты фæлтæрдтæ æмæ зонынад æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлон у»- райхъусын кодта Никола Флори.
Уымæй уæлдай ма Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты ахæлиугонд релизы куыд у абнысангонд афтæмæй, гуырдзиаг æмæ абхазаг хайадисджытæй арызт координацион механизмы фембæлд Абхазы гарзджын конфликты æмæ йæ фæстиуæгæн æвæндаг æрбайсæфтуæвæг 2258 адæймаджы амонды æмæ бынаты сбæлвырд кæнынæн сырæзт.
Фембæлдæн сæрдариуæг кодта Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитет, йæ нейтралон æхсæнылæгы статусмæ æмбæлгæйæ.
«Æххсæнадæмон гуманитарон барадмæ æмбæлгæйæ, æвæндаг æрбайсæфтуæвæг уæнгы бинонтæм ис бар зоной, цы амонд бавзæрстой сæ хæстæджытæ» – банысангонд у Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты ахæлиугонд релизы.
Координацион механизм, Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты эгидæйæ 2010 азы сырæзт. Йæ нысан у, 1992-1993 азты конфликты фæстиуæгæн æвæндаг æрбайсæфтуæвæг адæймæгты рацагурын.