Сыбыраг сывæллæттæ райдыдтой флешмоб номхуындæй «Путин ХУЫснæг у» зæгъгæ
«Путин у ХУЫснæг» ахæм сæргондæй флешмоб бурятаг ахуырæнинæгтæ райдыдтой. Сывæллæттæ ацы ныхæстæ скъолайы фæйнæгыл ныффыстой æмæ йæ къам интернеты ахæлиу кодтой.
Ныр ацы къамæн социалон хызагы 2 минæй фылдæр зæрдæмæдзыд «лайк» ис. Сыбыраг ахуыргæнинæгтæм баиу сты Красноярскы, Краснодары æмæ Нижний Новгороды скъолаты ахуыргæнинæгтæ.
Скъолайы ахуыргæнинæгты акцийы расайдта цалдæр боны размæ ахуыргæнæджы æрдгæй æртъхъирæн. Красноярскы скъолайы æрдззонынады ахуыргæнæг райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ кæд ахæм ныффыст искуыноджы ауыдтаит, уæд кæнæ полицимæ фæдзырдтаит кæнæ та Путины хъахъхъæнджытæм.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм миты тыххæй, Советон Цæдисы рæстæджы адæймгæты топмæ æвæрдтой.
Педагогы æртхъирæн видео интернеты ахæлиу кодтой. Ахуырады министрад ныффыст бацахуыр кодта æмæ педагогы дзуаппмæ раттыныл нæзагъд ракодта.