Святослав Вакарчук – Бузныг гуырдзиаг адæмæн, украинæгтæн цы аразут, уый æппæты тыххæй, сымах стут æцæг  хæлæрттæ, алчи иумæ  фæуæлахиз уыдзыстæм
Святослав Вакарчук – Бузныг гуырдзиаг адæмæн, украинæгтæн цы аразут, уый æппæты тыххæй, сымах стут æцæг хæлæрттæ, алчи иумæ фæуæлахиз уыдзыстæм

 

Украинаг  зарæггæнæг  Святослав Вакарчук  фембæлдис  гуырдзиаг  волонтертимæ, кæцытæ  Украинамæ  арвитинаг гуманитарон уаргъ  æмбырд  кодтой.

Рок-къорд  «Океан Эльзы»-ы  солист  раарфæ кодта  барвæндонтæн  æмæ  банысан кодта, ома гуырдзиагтæй  æххуыс  æмæ   фарсхæцын иудадзыг  хатынц зæгъгæ.

Фембæлды фæстæ  Святослав  Вакарчук  ацыд  фысымуатмæ, цы   ран фембæлдис  украинаг лигъдæттимæ.

«Фыццаджы дæр, мæнæн стыр цыт у  ацы  бæстыхайы  уæвын, цы ран иууыл тагъд байгом уыдзæн   гуырдзиаг-украинаг  центр.  Ай у бынат, цы ран  барвæндонтæ  гуманитарон  æххуыс æмбырд кодтой украинæгтæн.  Фембæлдтæн бирæ  гуырдзиаг æмæ   украинагимæ, кæцытæ  иумæ кусынц, цæмæй  хæстæй зианбавзарæг   украинæгтæн  сæ  уавæр  фенцондæр кæной.  Уыдон аразынц алцыппæт, цы  сæ бон у уый.   Уый фенын  тынг æхсызгон  уыд мæнæн.  Радзырдтой мын  тынг бирæ историтæ  хæсты  фыццаг бонты  фæдыл, федтон къамтæ  æмæ фыстытæ   къултыл.  Зæрдæрухс дæн  уый æппæты тыххæй, кæцыйы  ацы адæм  аразынц æмæ   æмтгæй зæгъгæйæ,   тынг райгонд дæн  гуырдзиаг адæмæй  украинæгтæн  куыд æххуыс кæнынц,  уый  тыххæй. Ныр фембæлдзынæн уыцы  адæймæгтимæ, кæйдæриддæр  тыхыбын бакодтой   сæрмагонд бæстæ ныууадзын  хæсты тыххæй. Нæ мæ фæнды  лигъдæттæй  сæ схонын, фæлæ  афтæ у.  Фæнды  мæ аныхас кæнон семæ, раттон сын  ныфс,    æмæ базонын кæнын, цæмæй иу бон,   хæст куы  фæуыдзæни  æмæ Украина  сбæрæгбон кæндзæн   уæлахиздзинад, уыдон  иууылдæр æрыздæхдзысты  фыдыбæстæмæ  æмæ   алцыппæт уыдзæн  дзæбæх.  Фæнды мæ гуырдзиаг адæмæн  зæгъон стыр бузныг украинæгтæн цы  хорз аразут  уый æппæты тыхæй.  Сымах стут  нæ æцæг хæлæрттæ, æфсымæртæ æмæ  хотæ.  Фæстагмæ, мах алчи иумæ  фæуæлахиз уыдзыстæм.  Мæ  зæрдæ уын зæгъы ахæм арфæ, ома  иу бон Гуырдзыстон æмæ   Украинайы  уа  сабырдзинад, фарн æмæ  бауой  демократон  Европаг бæстæтæ. Мах æнусмæ  уыдзыстæм хотæ æмæ æфсымæртæй», – загъта  Святослав Вакарчук.

Палиашвилийы  60 номыры украинæгтæн  гуманитарон æххуыс бамбырд кæнынæн  цы фæзуат  байгоми,  цы ран æххуыс æртæ мæйы  дæргъы  æмбырд кодтой,   организатортæ  хъавынц  украинаг культурæйы  центр  байгом  кæнын.