Свиндал -  Олимпион чемпион хæххон-къахдзоныгъон спорты
Свиндал - Олимпион чемпион хæххон-къахдзоныгъон спорты

Цыппæрæмы 15 февралы  Пхечханы  2018  азы зымæджы олимпиадæйыл  райуæрстой  майдантæ  хæххон-къахдзоныгъон спорты, нæлгоймæгты æхсæн.  Уырдыгæй  тагъд  æрхизыны  фæуæлахиз ис  норвегиаг  Аксель  Лунду Свиндал.

Уый  бацахста фыццаг бынат,  дыууæ фæлварæны  суммарон  рæстæг  1 минут,40,25 сикундæй.  Æвзист  майдан райста   ноджы иу норвегиаг,  Хьетилль  Янсруд. Бронзæ майдан æмæ æртыккаг   бынат  бацахста  Беат Фойц  Швейцарийæ.

Аксель Свиндалл  ссис  сеппæтæй  карджын   олимпион чемпион   хæххон-къахдзоныгъон спорты.   Цæуы йыл 35  азы æмæ  йын   йæ карьерæйы дæргъы, у  дыккаг  сыгъзæрин майдан,  æмæ  цыппæрæм майдан та   æппæт профессионалон карьерæйы дæргъы.