Свен Миксер - цалынмæ оккупаци кæрон скæнын æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад сног кæнын курæм, уæдмæ ноджы фылдæр хъуамæ саразæм  уыцы  адæймæгты дзуаппмæ раттынæн, чидæриддæр бæрнон сты  адæмаджы барты  халындзинадыл
Свен Миксер - цалынмæ оккупаци кæрон скæнын æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад сног кæнын курæм, уæдмæ ноджы фылдæр хъуамæ саразæм уыцы адæймæгты дзуаппмæ раттынæн, чидæриддæр бæрнон сты адæмаджы барты халындзинадыл

 

Европаг Советæй курæг стæм, Гуырдзыстоны хицауадимæ консультациты бындурыл æрцæттæ кæнæд уыцы адæймæгты номхыгъд, чидæриддæр бæрнон сты  адæймаджы  барты халындзинадыд æмæ сæ ныхмæ сфидар кæнæд санкцитæ –  райхъусын кодта Страсбургы,  Европарламенты сессийы  дебатты рæстæджы европарламентари Свен Миксер.

«Кандидаты статус райсты ныхмæ Гуырдзыстоны æмбæстаг Тама Гинтурийы уырыссаг оккупацион тыхтæ  Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Цхинвалы регионы  администрацион арæныл амардтой.  Марындзинад оккупантты æрдгæй сæрмагондæй карз æмæ тыхмийон фыдракæнд у, фæлæ уый нæу  хицæн цау. Уæрæсе Гуырдзыстоны ныхмæ агресси куы райдыдта æмæ бацахста Гуырдзыстоны сæрмагонд территори 2008 азы, уыдис ахæм  инцидентты иудадзыг къада.  Уыдис  Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæсты факттæ, адæймаджы барты  халындзинад, æнæзакъононæй змæлды сæрибардзинад æсæмбонд кæнын,  змæлгæ оккупаци, бордеризаци æмæ  паспортизаци дæр.

Абон евроцæдисы цæстдарæг мисси иунæг  иудадзыг æхсæнадæмон минæвар у, кæцы мониторинг кæны  админстрацион арæнмæ хæстæг территори. Нысаниуæгджын у, Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг мисси сифтонг кæнæм адекватон ресурсæй, кæцы хъæуы  ацы мисси сыххæст кæнынæн.

Евроцæдис кæддæриддæр йæ фарс хæцыд  æмæ хæцы Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, фæлæ цалынмæ мах  курæм оккупаци кæрон скæнын æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад сног кæнын, ноджы  фылдæр хъуамæ саразæм  уыцы  адæймæгты дзуаппмæ раттынæн, чидæриддæр бæрнон сты  адæмаджы барты  халындзинады, адæймæгты марындзинæдтыл.

Европаг Советæй курæг стæм, Гуырдзыстоны хицауадимæ консультациты бындурыл æрцæттæ кæнæд уыцы адæймæгты номхыгъд, чидæриддæр бæрнон сты  адæймаджы  барты халындзинадыд æмæ сæ ныхмæ сфидар кæнæд санкцитæ»- райхъусынкодта Свен Миксер.

Европарламентаритæ расдзысты резолюци, кæцы категорионæй фауы Тамах Гинтурийы  марындзинад æмæ Леван  Дотиашвилийы  æнæзакъонн  скъæфт, афтæма  тфæрфæс кæны алы фæмардувæг Гуырдзыстоны æмбæстагы бинонтæн, сиды ацы æмæ æндæр марындзинæдты бындурон фæдагуырд, домы бæрнон уæнгты дзаппмæ раттын.