«Супер тугхуыз мæй» - Иттæг стæм астрономион фæзынд, Ираклий Геденидзейы объективы
Цæгат æрдæгсферæйы цæрджытæ дысон æхсæв, иттæг стæм астрономион фæзынды æвдисæнтæ фестадысты. Мингай гоймаг дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæты, æнахуыра уазæлтты кæрæдзимæ ерыс кодтой «супер тугхуыз мæйы» сеппæтæй хуыздæр къадрты айсыны. Сæ нымæцы уыд Фыццаг Къаналы фотограф Ираклий Геденидзе дæр.
Ацы стæм астрономион фæзынд йеуæд æрцæуы, мæй Зæххмæ хуымæтæгæй цъус хæстæгдæр куы вæййы уæд æмæ иу дынджырдæр æмæ æртиваг дæр свæййы. Ацы фæзындимæ мæйы æххæст баталынг куы фемдзыд вæййы, уæд мæй сырхгъуыз, æртивын райдайы, уымæн æмæ йæ уæлцъарыл Зæххы аууон бабады. Ацы фæзынд иу схонынц тугхуыз мæййæ.
«Супер тугхуыз мæйы» фенын хайгай гæнæн уыд Гуырдзыстонæй дæр, боныцъæхыл. Стæм фæзынд Фыццаг КЪаналы фотограф Ираклий Геденидзе, Телеуынынадон мæсыгæй айста.