Сухумы  паддзахадон  университеты  ацыд мадзал  «Балтийы  рæхыс-30» [фото]
Сухумы паддзахадон университеты ацыд мадзал «Балтийы рæхыс-30» [фото]

Сухумы  паддзахадон  университеты  ацыд мадзал  «Балтийы  рæхыс-30».  Мадзалыл уыдысты   университеты  профессортæ, студенттæ, афтæдæр Лиетувæйы  фæсарæн хъуыддæгты министр  Линас Оинкявичус æмæ Латвийы  раздæры  президент  Валдис Затлерс.

Бынатæй  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  журналист куыд хъусын кæны афтæмæй,   университеты фыццаг æмæ  дыккаг  корпусты æхсæн сырæзт  «Удæгас рæхыс», кæцы  символонæй  æвдисы  «Балтийы фæндаг».

Гуырдзыстонмæ визитæй уæвæг  Лиетувæйы  фæсарæн хъуыддæгты  министр, Линас Линкявичус  куыд райхъусын кодта  афтæмæй, «Удæгас рæхыс»  уыд уый дæнц зæгъгæ, цæмæй  адæймæгтæ  куы баиу вæййынц  æмæ сæм ис иумæйаг нысан, уæд сæ бон у  фыдбылызы æмæ  кæцыфæнды агресси басæттын.

Мадзалыл  дзырдæй ралæууыд  Латвийы раздæры  президент Валдис Затлерс дæр.

«Эмоцион уыдис  мæнæн,   рæхыс  куы ауыдтон уæд.  Нæй  лиетувæйаг, латвийаг  кæнæ эстойнаг  сæриабрдзинад фæнды  гуырдзиаг сæрибардзинад, ис æрмæст  иумæйаг аргъдзинад,  Сæрибардзинад, кæцыйæ  нæ зæрдæтæ  хъуамæ  барухс кæнæм алчидæр.  Латвий никуы  бынмайдзæн  Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.  Тынг амондджын дæн,  æддæйæ  цы федтон уымæй. Уæ æнæтыхмион демонстраци гæнæн ис, хæцæнгарзæй   тыхджындæр уа» – райхъусын кодта Латвийы   раздæры президент Валдис Затлерс.

1989 азы 23  августы, Лиетувæйы, Латвийы æмæ Эстонийы   цæрджытæ  сарызтой 600  км-ы дæргъæн  удæгас рæхыс,  кæцыйы фæстиуæгæн практиконæй  кæрæдзиимæ сбастой   Республикæты  сæйраг сахартæ, Рига, Вильнюс æмæ таллин. Акци  сырæзт  Молотов-Рибентропы  пакты 50-æм  азысæрыл æмæ йæ нысан уыдис Дунейы дзыллæйы   хъусдард  раздахын историон фæзынды æрдæм,  кæцы  фæивдта Балтийы  бæстæты амонд.