Сухумы басасты бонмæ гæсгæ администрацион бæстыхæйттыл паддзахадон тырысатæ бынмæ æруагъдтой
Сухумы басастæй 27 азысæрмæ гæсгæ æмæ Абхазы хæсты фæмардуæвджыты ном ссарынæн, Гуырдзыстоны адчинистрацион бæстыхæйттыл иууылдæр паддзахадон тырысаты бынмæ æруагъдтой.
Паддзахадон тырыса æруагъдтой хицауады администрацийы, парламенты, мидхъуыыдæгты министрады, паддзахадон æдасдзинады куысты æмæ æндæр администрацион бæстыхæйттыл. Афтæма регионты администрацион бæстыхæйттыл.
Сухумы басастæй 27 азы рацыд. Æфсæддон быцæудзинад Абхазы 1992 азы 14 августы райдыдта. Конфликт гуырдзиаг хицауадон æфсады æмæ абахазаг сепаратистты æхсæн 13 мæй æмæ 13 бон аххæссыд.