Сухуми æрхаудæй 26 аз аивгъуыдта
Сухуми æрхаудæй 26 аз аивгъуыдта

Сухуми æрхаудæй 26 аз аивгъуыдта

Сухумы æрхауды 26 азы фæдыл хъæбатырты мемориалмæ дидинджытæ бахæсдзысты æмæ Абхазийы хæсты мардгондтæн скад кæндзысты Гуырдзыстоны хицауады æмæ парламенты уæнгтæ, æндæр æмæ æндæр политикон лидертæ.

Æфсæдтон быцæудзинад Абхазийы 1992 азы 14-æм августы райдыдта. Конфликт гуырдзийаг хицауадон æфсад æмæ абхазаг сепаратистон тыхты æхсæн 13 мæй æмæ 13 бон адаргъ ис.

«Æхст фæурæд æмæ тыхты ахицæны фæдыл» æххæст бадзырды хæлдæй, ныхмæлæуджытæ Сухум систой.

Уырыссаг, цæгат кавказаг æмæ Казакты тохгæнджытæ Абхазийы министрты советы бæстыхайы штурм,  27-æм сентябры сæумæрайсомæй райдыдтой æмæ уацайрагæй систой Абхазийы минситрты советы сæрдар Жиули Шартава, горæт Сухумы мэр æмæ минситрты советы 27 кусæг. Уæнгтæ, кæцытæ Сухумæй нæ ацыдысты, уыдысты амардгонд.

Гуырдзийаг фарсы сбæлвырдгонд æрбадæттæгтæм гæсгæ, 10 000 фылдæр гуырдзийаг æфсæдтон æмæ æмбæстаг фæмард. Абхазийæ 300 000 адæймаг лыгъдонæй ссис.