Стыр Британийы минæварад хъусын кæны, цæмæй «Бинонты аргъдзинæдтæ æмæ æнахъомты хъахъхъæныны» закъон халы адæймаджы бындурон бартæ
Стыр Британийы минæварад хъусын кæны, цæмæй «Бинонты аргъдзинæдтæ æмæ æнахъомты хъахъхъæныны» закъон халы адæймаджы бындурон бартæ

Стыр Британийы минæварад Гуырдзыстоны хъусын кæны, цæмæй «бинонты аргъдзинæдтæ æмæ æнахъомты хъахъхъæды» фæдыл закъон адæймаджы бындурон бартæ халы.

Уый фæдыл минæварады веб-фарсыл публикацигонд расидæны ис фыст.

Стыр Британийы минæварад Гуырдзыстоны хицауадмæ сиды, «Бинонты аргъдзинæдты æмæ æнахъомты хъахъæды фæдыл» закъондæттæн пакетмæ ногæй æркæсой.

Стыр Британи  тыхстдзинад сиды, Гуырдзыстоны парламенты «бинонты аргъдзинæдтæ æмæ æнахъомты хъахъæды» фæдыл закондæттæн пакеты æртыккаг бакасты райсты фæдыл.

Ацы закъондæттæн пакет халы адæймаджы фундаменталон бартæ, се æхсæн ныхасы æмæ æмбырды сæрибардзинад æмæ æвзæрын кæны рискъ, цæмæй Гуырдзыстоны цæрджыты хайæн ноджы фылдæр стигматизаци æмæ дискриминаци æрцæуа. Ацы закондæттæн пакет бандавдзæн Гуырдзыстоны æппæт æмбæстæгтыл.

Хъыг нын у, закъондæттæн пакет кæй райст æрцыд Венецийы къамисы уынаффæйы ныхмæ, зæгъгæ, уый «хъуамæ æххæстæй раивд æрцæуа æмæ йæ райст æрлæууын кæной».

Сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ æркæсой закондæттæн пакет «Бинонты аргъдзинæдты æмæ æнахъомты хъахъæды фæдыл», кæцы «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъонимæ иумæ арæн кæны куыд æмбæстагон æхсæнады, афтæ дæр Гуырдзыстоны хицæн æмбæстæгты бартæ æмæ сиды минæварады фидиуæны фарста Стыр Британийы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн рагон ахастытыл.