Стыр Британийы минæварад – Иугонд Паддзахад Гуырдзыстоны Германийы минæвары ныхмæ æнæбындур æмæ агрессивон сæрмагонд бырстытæ тæрхон кæны
Стыр Британи Гуырдзыстоны Германийы минæвары ныхмæ æнæбындур æмæ агрессивон сæрмагонд бабырстытæ тæрхон кæны – уый фæдыл Гуырдзыстоны Стыр Британийы минæварад йæ социалон медийы фыссы.
Фидиуæны дзырдæуы, цæмæй Стыр Британи Германиимæ иумæ сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, цæмæй мауал парахат кæной мæнг нарративтæ Гуырдзыстонæн æмæ йæ адæмæн ныгуылæны фарсылхæцындзинады тыххæй.
«Стыр Британи тæрхон кæны Гуырдзыстоны Германийы минæвары ныхмæ æнæбындур æмæ агрессивон сæрмагонд бырстытæ.Ай у фæстаг знаггадгæнæг дезинформацион кампаниты серийы, кæцыты нысан у Германийы æмæ æндæр европæйаг бæстæты дискредитаци – партнертæ, кæцытæ дæсгай азты дæргъы Гуырдзыстоны фарс лæууыдысты.
Мах баиу стæм Германимæ æмæ сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ, цæмæй мауал парахат кæной мæнг нарративтæ Гуырдзыстон æмæ йæ адæмæн ныгуылæны фарсылхæцындзинады фæдыл», -ис фыст минæварады фидиуæны.