Стыр Британийы минæварад – Гуырдзыстоны териториты Уæрæсейы æрдыгæй оккупацийæн тæрхон кæнæм, Иугонд Паддзахад Женевæйы Гуырдзыстоны суверенитетæн йæ фарсылхæцындзинад сбæлвырд кодта
Иугонд Паддзахад æфхæры Уæрæсейы æрдыгæй Гуырдзыстоны территориты оккупаци. Иугонд Паддзахад Гуырдзыстоны суверенитетæн йæ фарсылхæцындзинад ИНО-йы адæймаджы барты советы Женевæйы – уый фæдыл Гуырдзыстоны Стыр Британийы минæварады расидæны ис фыст.
Минæварады информацийæ, «Иугонд Паддзахад фидарæй хæцы ИНО-йы адæймаджы барты советы резолюцийæн 60/16 «Гуырдзыстонимæ æмгуыстады» фæдыл».
«Резолюцийы æвдыст цæуынц адæймаджы барты хæлд æмæ гуманитарон проблемæтæ, кæцытæ æвзæрынц Уæрæсейы æрдыгæй Гуырдзыстоны территориты оккупацийы фæстиуæгæн» – банысан кодтой минæварады.
Уымæй уæлдай ма, Гуырдзыстоны Стыр Британийы минæварады рапарахатгонд расидæны куыд ис фыст, афтæмæй Стыр Британийы Европæйы паддзахадон министр Стивен Доути расидтис, цæмæй «Уæрæсе хъуамæ йæ æфсæддон тыхтæ акæна, хæдбар регионты банымад æрурома æмæ адæймаджы барты æхсæнадæмон монитортæн фæндаг байгом кæна».
«17 азы дæргъы Уæрæсе æххæст кодта æнæзакъонон æфсæддон контрол Абхазыл æмæ Цхинвалы регионыл, кæцы хæлы дунеон барад æмæ этникон гуырдзиæгты бындурон бартæй цух кæны.Ацы оккупаци хъуамæ фæуа Уæрæсе йæ æфсæддон тыхтæ ракæна, хæдбар регионты банымад аиуварс кæна, æмæ фæндаг байгом кæна æхсæнадæмон адæймаджы барты мониторингæн. равзæрдæй, хъуамæ уа бар æдасæй, кад æмæ фарнæй сæ хæдзæрттæм æрыздæхынæн», — загъта Стивен Доути.
Информацийæн, 2025 азы 8-æм октябры, Женевæйы, ИНО-йы адæймагы барты совет Гуырдзыстоны оккупацигонд территориты фæдыл резолюци райста – «Гуырдзыстонимæ æмкуыстдзинад». Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, резолюцийы фæдыл советы рабадтыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг, Дарсалия Лаша бавдыста.