Украинайы цæугæ цауты фæдыл «Стыр авды» бæстæты минæвæрттæ расидæн парахат кæнынц. «Зонæм, Михаил Саакашвилийы кæй æрцахстой æмæ даргъ кæнынц протестон акцитæ. Хъусдардæй стæм ситуацимæ. Сидæм алы фарсмæ кад скæной æмæ йæ фарсыл рахæцой Украинайы конституцийæн æмæ барадон уагæвæрдæн. Бахъахъæной сабырадон протесты бар, сæхи бахизой дестабилизацийæ. Афтæ дæр æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй сырæздзæн фæдагуырд» -ис фыст минæвæртты расидæны. Итали ацы аз «Стыр авды» къухдариуæг бæстæ у. Стыр авды уæнгтæ сты – Канадæ, Германи, Япония, Франц, АИШ, Стыр Британи.